Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 6:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Дунедарӕг дӕм рухс цӕстӕй ракӕсӕд ӕмӕ дын батӕригъӕд кӕнӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 6:25
15 Iomraidhean Croise  

Йосеф сыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ йе ’фсымӕр, йӕ мады зӕнӕг Бениамины куы ауыдта, уӕд сӕ бафарста: «Уый, кӕй кой мын кодтат, уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!»


Дӕумӕ-иу дзынӕзтой ӕмӕ-иу фервӕзтызты, сӕхи дыл фӕдзӕхстой ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.


Бирӕтӕн сӕ ныхас уый у: «Чи нын цы ракӕндзӕн хорзӕй?» Дунедарӕг, Дӕ цӕсгомы рухс нӕм равдис!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.


«Де уӕхсчытӕй дын де ’ргъом ӕристон, дӕ чыргъӕдтӕ дын айстон дӕ къухтӕй.


Дунедарӕг загъта: «Ме ’ппӕт кад дӕр дын дӕ цурты рацӕуын кӕндзынӕн. Раргом дын кӕндзынӕн Дунедарӕджы ном. Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн, батӕригъӕд кӕнын Мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».


Нӕ Хуыцау, фехъус Дӕ цагъары куывд ӕмӕ йӕ лӕгъстӕ! Бардарӕг! Дӕ Кувӕндон хӕлд ӕрцыд, фӕлӕ йӕ Дӕхи сӕраппонд хорзӕхы аккаг скӕн!


Уӕдӕ кувут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныххатыр кӕна. Фӕлӕ Йын ахӕм нывӕндтӕ куы хӕссат, уӕд уӕ Йӕ хорзӕхы аккаг куыд хъуамӕ скӕна? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.


Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan