22 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Аарон нывӕндтӕ куы ӕрхаста — тӕригъӕды нывонд, иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывонд — уӕд йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ дӕлӕмӕ ӕрцыди.
Уый — сомы ракӕнӕг назиры ӕгъдау. Назир Дунедарӕгӕн нывонд хӕссы, ӕгъдау куыд домы, афтӕ ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай — йӕ бон цы у, уый. Цы сомы ракодта, уый йын, назиры ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, афтӕ ӕххӕстгӕнгӕ у».
«Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: афтӕ-иу арфӕ кӕнут израилӕгтӕн:
Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы.