18 Фембӕлды Цатыры раз алвынӕд назир йӕ сӕры хил — йӕ сомыйы нысан — ӕмӕ йӕ, фидыды нывонд цы артыл фӕсудзынц, уым баппарӕд.
фыр та фидыды нывондӕн ӕрхӕссӕд Дунедарӕгӕн донгонд гуылты чыргъӕдимӕ; сауджын-иу хойраджы хуын ӕмӕ сӕнӕй дӕр скувӕд.
Йӕ назир-бонты дӕргъы сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва йӕ сӕрыл. Цалынмӕ, Дунедарӕгӕн йӕхи цы бонты ӕмгъуыдмӕ снывонд кодта, уыдон аивгъуыйой, уӕдмӕ уаз у: хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ рауадза.
Йӕ цуры ӕнӕнхъӕлӕджы исчи куы амӕла, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕбары йӕ назиры сӕр куы фӕчъизи кӕна, уӕд, цы бон ссыгъдӕг ис, уыцы бон йӕ сӕрыхъуынтӕ хъуамӕ алвына — йӕ фӕчъизийы фӕстӕ сӕ ӕвдӕм бон алвынӕд.
Афтӕ сымах дӕр — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстӕуыд, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах ницӕйаг цагъартӕ стӕм — цы нын ӕмбӕлдис, уымӕй дарддӕр ницы сарӕзтам“».
Павел Коринфы дзӕвгар бафӕстиат, стӕй хӕрзбон загъта ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ науы ацыди Сиримӕ. Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ балцы размӕ Кенхрейы алвыдта йӕ сӕр.
Уӕдӕ байхъус, цы дын зӕгъӕм, уымӕ: не ’хсӕн ис, Хуыцауӕн дзырд чи радта, ахӕм цыппар лӕджы.
Акӕн сӕ ӕмӕ дӕхи ссыгъдӕг кӕн семӕ, сӕ хӕрдзтӕ сын дӕхимӕ райс. Уыдон адасдзысты сӕ сӕртӕ, ӕмӕ иууылдӕр фендзысты, дӕу тыххӕй цы фехъуыстой, уый ӕцӕг кӕй нӕу, ды дӕхӕдӕг дӕр Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс.
Уӕд Павел ахуыдта уыцы лӕгты ӕмӕ дыккаг бон семӕ ссыгъдӕг кодта йӕхи. Уый фӕстӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ фехъусын кодта, сыгъдӕг кӕныны бонтӕ кӕд фӕуыдзысты ӕмӕ уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр нывӕндтӕ кӕд ӕрхастӕуыдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Йе стыр хорзӕх у кады аккаг — Йӕ уарзон Фырты руаджы нын цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй.