Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 6:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 чыргъӕды — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй донгонд гуылтӕ, оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд тӕнджытӕ, семӕ ма ноджы хойраджы хуын ӕмӕ сӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 6:15
15 Iomraidhean Croise  

Райс донгонд дзул, сойхӕццӕ донгонд гуылтӕ ӕмӕ сойхӕццӕ донгонд лауаситӕ — се ’ппӕт дӕр ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй —


Тыллӕг чи бафснайы, хӕргӕ дӕр дзы уыдон кӕндзысты ӕмӕ Дунедарӕджы стаудзысты. Сӕн дӕр, сӕнӕфсир чи тоны, уыдон Мӕ Кувӕндоны кӕртыты нуаздзысты».


Сауджынтӕ, уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут ӕмӕ дзыназут! Додой кӕнут, нывондхӕссӕны лӕггадгӕнджытӕ! Ӕрбацӕут, мӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, сӕхъисты арвитут уе ’хсӕв! Уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ нал хӕссынц!


Дунедарӕджы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ нал хӕссынц, хъарӕг кӕнынц сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ.


Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.


Пецы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа мӕнӕуы ссадӕй: сойхӕццӕ ссадӕй донгонд гуылтӕ кӕнӕ сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ.


Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ.


«Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.


Фидыды нывондӕн та гал ӕмӕ фыр ӕрбакӕнӕнт, цӕмӕй сӕ Дунедарӕджы раз нывондӕн ӕрхӕссой. Ноджы ма ӕрбахӕссӕнт сойамӕст хойраджы хуын. Дунедарӕг уӕм раргом уыдзӕн абон».


гины ӕрдӕг та сӕн. Уый уыдзӕни арты нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф.


Сауджын сӕ хъуамӕ равӕра Дунедарӕджы раз ӕмӕ акусарт кӕна тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд,


Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.


Уӕдӕ ацы дзулӕй куы фӕхӕрут ӕмӕ ацы сӕнӕй куы бануазут, уӕд уымӕй хъусын кӕнут Бардарӕджы мӕлӕты тыххӕй — цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan