Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 6:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 ногӕй басомы кӕнӕд Дунедарӕджы раз ӕмӕ фиддоны нывондӕн фыргуист ӕрбакӕнӕд. Уымӕй размӕйы назир-бонтӕ та йын сӕфт сты, уымӕн ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 6:12
12 Iomraidhean Croise  

Уӕрыкк хъуамӕ уа ӕнӕсахъат, нӕл, афӕдздзыд. Уӕрыччы бӕсты райсӕн ис сӕныкк.


Рӕстгӕнӕг дӕр йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сиса ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайа, ӕнаккаджы ӕлгъаг митӕ куы фӕзма, уӕд куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Уымӕй размӕ рӕстагӕй цы сарӕзта, уыдон ын нал ӕрымыстӕуыдзӕн. Цы фӕлывд митӕ ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ кӕны, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн.


Фиддоны нывонд — фыргуист, стӕй оливӕйы сойы кӕхц — сауджын Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд.


Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй.


Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.


Уыцы мӕргътӕй иу сауджын ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — иууылсудзинаг нывондӕн, ӕмӕ йӕ марды буарыл андзӕвыны тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнӕд. Назир тӕккӕ уыцы бон йӕ сӕр срухс кӕнӕд,


Назиры ӕгъдау ахӕм у. Йе ’мгъуыды фӕстаг бон ӕй ӕрбакӕнӕнт Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ.


Фӕлӕ, кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.


Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.


Уымӕн ӕмӕ, ӕппӕт ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый йын йӕ домӕнтӕй искӕцыйы куы фӕкъуыхцы уа, уӕд ӕнӕхъӕн ӕгъдау фехалӕгау азымджын у.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕуыл фӕкуыстам, уый куыд нӕ фесафат, фӕлӕ уӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй куыд райсат, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan