Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 5:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Израилӕгты мысайнӕгтӕ, сӕ уаз лӕвӕрттӕ, иууылдӕр сауджынты сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 5:9
19 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ сӕ раттӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ сын уый уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сӕ фидыды нывӕндтӕй дӕр мысайнаг хицӕн кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл.


Бахӕрут сӕ уаз бынаты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй уыдон сты дӕу ӕмӕ дӕ фыртты хай. Афтӕ мын бафӕдзӕхстӕуыд.


Хӕрдмӕисгӕ кӕразимаг ӕмӕ хуыны сгуы та бахӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгты фидыды нывӕндтӕй дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты хай сты.


Нывӕндты фиутимӕ-иу лӕварӕн ӕрбахӕссӕнт сгуы ӕмӕ кӕразимаг, цӕмӕй сӕ ды Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисай. Уыдон дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн сты мыггагмӕйы хай, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».


Тӕригъӕды нывонд чи ӕрхаста, уыцы сауджын дзы хъуамӕ бахӕра, хӕрын та дзы хъӕуы уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.


Уӕ фидыды нывӕндтӕй-иу сауджынӕн рахицӕн кӕнут рахиз сгуы дӕр.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн сӕ фидыды нывӕндтӕй райстон, хӕрдмӕ кӕй систӕуы, уыцы кӕразимаг, стӕй рахиз сгуы ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн. Уый сын у мыггагмӕйы хай израилӕгтӕй».


Израилӕгтӕ цы уаз хуынтӕ хӕссынц Дунедарӕгӕн, уыдон иууылдӕр Ӕз дӕттын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн, ӕмӕ мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй уӕ хай сты. Уый у Дунедарӕджы раз демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ арӕзт мыггагмӕйы фидыд, цӕххы фидыдау — ӕнусон».


Ӕмӕ радта Моисей сауджын Елеазарӕн Дунедарӕджы хъалон, Йӕ мысайнаг, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Кӕд ӕмӕ, фиддон чи айса, хъыгдард баййафӕгӕн ахӕм ӕввахс хион нӕй, уӕд азым ныббарӕггаг Дунедарӕджы у ӕмӕ сауджынӕн лӕвӕрд цӕуы — тӕригъӕд ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхӕссынц, уыцы фыримӕ.


Дӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ дӕ фидыды нывӕндтимӕ та дын, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы бынатмӕ цӕугӕ у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan