Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 5:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Уый — ӕнӕууӕнчы ӕгъдау, сылгоймаг йӕ лӕгыл гадзрахатӕй куы рацӕуа ӕмӕ йӕхи куы фӕчъизи кӕна,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 5:29
12 Iomraidhean Croise  

Сымах ныфсджын стут уӕ кардӕй, ӕлгъаг митӕ кӕнут, иу уӕ иннӕйы усы фӕчъизи кӕны, ӕмӕ ма зӕхх дӕр уӕхи бакӕнынмӕ хъавут?“


Ахӕм у фос, сырдтӕ ӕмӕ мӕргъты тыххӕй ӕгъдау, стӕй хилӕгойтӕ ӕмӕ, доны бын цы цӕрӕгойтӕ цӕры, уыдонӕн се ’ппӕты ӕгъдау дӕр,


Гъе ахӕм у хъуынайы тыххӕй ӕгъдау. Уый фӕрцы хицӕнгонд цӕудзысты кӕрӕдзийӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг — дарӕсыл, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, стӕй цыфӕнды сӕрак дзаумайыл исты тӕпп куы фӕзына, уӕд.


Мӕнӕ Дунедарӕгӕн фидыды нывонд хӕссыны ӕгъдау.


«Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: мӕнӕ сын цы гӕнгӕ у, искӕуыл дзы йӕ ус гадзрахатӕй куы рацӕуа — куы йӕ фӕсайа —


уӕд ӕрбакӕнӕд уыцы лӕг йӕ усы сауджыны размӕ. Йӕ усы тыххӕй сауджынӕн бахӕссӕд хъӕбӕрхоры ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, ӕрмӕст ыл оливӕйы сой ма ӕркалӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд — уыцы хойраджы хуын ӕнӕууӕнчы, багӕды кӕныны фӕдыл кӕй у, уымӕ гӕсгӕ.


афтӕмӕй хъуамӕ ныффӕдзӕхса сылгоймагӕн ӕмӕ йын зӕгъа: „Кӕд ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаг демӕ ӕмуат не ’рцыди, кӕд ӕмӕ дӕ лӕгыл гадзрахатӕй нӕ рацыдтӕ ӕмӕ нӕ фӕчъизи дӕ, уӕд дӕ ацы маст дон, адӕймагыл ӕлгъыст чи ӕфтауы, уый, мацы бахъыгдарӕд!


Кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта ӕмӕ сыгъдӕг у, уӕд ӕй дон ницы бахъыгдардзӕн, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕуыдзӕн.


кӕнӕ та лӕг дызӕрдыджы куы ныххауа ӕмӕ йӕ усыл ӕнӕууӕнк куы кӕна, уӕд. Дунедарӕджы раз ӕрлӕууын кӕнӕнт сылгоймаджы, ӕмӕ йӕ сауджын ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ бавзарӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan