Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 5:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уыцы дон ын куы бадара, уӕд, кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи ӕцӕгӕй фӕчъизи кодта ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд, уӕд уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы низӕй ацӕудзӕн — йӕ гуыбын ныддымсдзӕн, йӕ сывӕр федде уыдзӕн, ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуыдзӕн сылгоймаг адӕмы ’хсӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 5:27
18 Iomraidhean Croise  

Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.


Сӕ фӕдыл кард, стонг ӕмӕ рынимӕ зилдзынӕн, ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕнӕуынон суыдзысты. Цы адӕмтӕм сӕ фӕсурдзынӕн, уыдоны ’хсӕн сӕ ӕлгъитдзысты, стыр тасы бацӕудзысты сӕ уындӕй, ӕлгъаг ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзысты,


Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Вавилоны цӕрӕг хаст иудейӕгтӕ, кӕрӕдзийы куы ӕлгъитой, уӕд дзурдзысты: „Дунедарӕг дын, Вавилоны паддзах арты кӕй сфизонӕг кодта, уыцы Цедекиа ӕмӕ Ахавы хъысмӕт бавзарын кӕнӕд!“


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.


Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм! Сымах ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕлгъыстаг уыдыстут, фӕлӕ уӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ суыдзыстут арфӕгонд. Ма тӕрсут! Уӕ ныфс ма фӕцудӕд!»


Фӕлӕ кӕд дӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыдтӕ ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаг демӕ ӕмуат ӕрцыди…“


Кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта ӕмӕ сыгъдӕг у, уӕд ӕй дон ницы бахъыгдардзӕн, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕуыдзӕн.


Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.


Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та — царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?


Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты.


уӕлдайдӕр та, чъизи монцты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн. Сӕрхызт ӕмӕ ӕнаккаг, ахӕм адӕм, уӕларвон тыхтыл цъыфкалӕн кӕнгӕйӕ, уыдонӕн сӕ азарӕй дӕр нӕ тӕрсынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan