26 Сисӕд уыцы хуынӕй йӕ армыдзаг, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый фӕстӕ сылгоймагӕн дон бадарӕд.
ӕмӕ йӕ ӕрбахӕсса Аароны байзӕддӕгтӕм, сауджынтӕм. Сойхӕццӕ ссадӕй сауджын йӕ армы дзаг сисӕд, стӕй буд дӕр иууылдӕр райсӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
Хуынӕн йӕ иу хай нывондхӕссӕныл басудздзӕн, иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
Ӕрбахӕссӕд ӕй сауджынмӕ, ӕмӕ дзы уый армыдзаг сисӕд, нывондхӕссӕныл ӕй басудзӕд Дунедарӕджы номыл, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд.
Сауджын-иу хойраджы хуыны сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй йӕ армыдзаг сисӕд, стӕй, йӕ сӕрыл цы буд ӕвӕрд ис, уый иууылдӕр, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн.
Райсӕд сауджын сылгоймаджы къухӕй хойраджы хуын, ӕнӕууӕнчы хуын, Дунедарӕджы раз ӕй хӕрдмӕ сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны размӕ бахӕссӕд.