25 Райсӕд сауджын сылгоймаджы къухӕй хойраджы хуын, ӕнӕууӕнчы хуын, Дунедарӕджы раз ӕй хӕрдмӕ сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны размӕ бахӕссӕд.
Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты къухтӕм ратт ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кӕн, нывонд Ын кӕй сты, уый охыл.
Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм радта ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кодта.
уӕд ӕрбакӕнӕд уыцы лӕг йӕ усы сауджыны размӕ. Йӕ усы тыххӕй сауджынӕн бахӕссӕд хъӕбӕрхоры ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, ӕрмӕст ыл оливӕйы сой ма ӕркалӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд — уыцы хойраджы хуын ӕнӕууӕнчы, багӕды кӕныны фӕдыл кӕй у, уымӕ гӕсгӕ.
Ӕрлӕууын кӕнӕд сылгоймаджы Дунедарӕджы раз, йӕ сӕрыхъуынтӕ йын йе уӕхсчытыл ӕркалӕд ӕмӕ йын йӕ къухтӕм раттӕд уыцы хойраджы хуын — багӕды кӕныны хуын, ӕнӕууӕнчы хуын. Сауджыны къухты — маст дон, ӕлгъыст дон,
ӕмӕ бадара сылгоймагӕн уыцы ӕлгъыст маст дон, цӕмӕй уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы ацӕуа ӕмӕ йыл низ бафтауа.
Сисӕд уыцы хуынӕй йӕ армыдзаг, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый фӕстӕ сылгоймагӕн дон бадарӕд.