24 ӕмӕ бадара сылгоймагӕн уыцы ӕлгъыст маст дон, цӕмӕй уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы ацӕуа ӕмӕ йыл низ бафтауа.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уыцы ӕлгъыстытӕ хъуамӕ сауджын ныффысса тухгӕ чиныджы, фыстытӕ маст донмӕ ӕрӕхса
Райсӕд сауджын сылгоймаджы къухӕй хойраджы хуын, ӕнӕууӕнчы хуын, Дунедарӕджы раз ӕй хӕрдмӕ сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны размӕ бахӕссӕд.