22 Ацӕуӕд дӕ хуылфы ацы ӕлгъыст дон ӕмӕ дын дӕ гуыбын ныддымсын кӕнӕд, дӕ сывӕр дын федде кӕнӕд“. Ӕмӕ хъуамӕ зӕгъа сылгоймаг: „Аммен! Аммен!“
Ӕрбайсӕфдзысты ӕваст, ӕбуалгъ уыдзӕни сӕ кӕрон.
уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты, ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.
Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Дӕ гуыбын байдзаг кӕн ӕмӕ дӕхи бафсад, мӕнӕ дын цы тухгӕ чиныг дӕттын, уымӕй». Ӕз бахордтон, ӕмӕ цыма мыд бахордтон, уыйау мӕ дзых садджын.
Уыцы ӕлгъыстытӕ хъуамӕ сауджын ныффысса тухгӕ чиныджы, фыстытӕ маст донмӕ ӕрӕхса
Уыцы дон ын куы бадара, уӕд, кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи ӕцӕгӕй фӕчъизи кодта ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд, уӕд уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы низӕй ацӕудзӕн — йӕ гуыбын ныддымсдзӕн, йӕ сывӕр федде уыдзӕн, ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуыдзӕн сылгоймаг адӕмы ’хсӕн.
Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: мах, цы зонӕм, ууыл дзурӕм, ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууӕм, цы федтам, уымӕн, сымах та не ’вдисӕнадыл не ’ууӕндут.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».
Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты Буар куынӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куынӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут.