2 «Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ рӕсӕнуатӕй арвитой, хъотыр кӕуыл ис, йӕ цъӕй кӕмӕн мизы, марды буарыл бандзӕвгӕйӕ чи фӕчъизи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
Уыцы заман сахары кулдуары ӕдде лӕууыди цыппар хъотырджыны ӕмӕ сӕхимидӕг дзырдтой: «Ам цы боны хорзмӕ кӕсӕм нӕ мӕлӕтмӕ?
Хъотырӕй рынчын чи у, уый дарӕд скъуыдтӕ дарӕс, йӕ сӕрыхъуынтӕ йе уӕхсчытыл ӕркалӕд, йӕ зачъе та истӕмӕй бамбӕрзӕд ӕмӕ хъӕр кӕнӕд: „Ӕнӕсыгъдӕг дӕн! Ӕнӕсыгъдӕг дӕн!“
Цалынмӕ йыл ӕфхӕлд уа, уӕдмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ӕнӕсыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕра хибарӕй, рӕсӕнуаты ӕдде.
Сауджын, йӕ буар тынгдӕр кӕй рафаста, уый куы фена, уӕд ӕй адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.
Сыгъдӕггонд чи цӕуы, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕ хил иууылдӕр адасӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуын, ӕцӕг ма-иу авд боны дӕргъы баззайӕд йӕ цатыры ӕдде.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн сауджынтӕн — Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: сауджын йӕхи йӕ хӕстӕджы мардмӕ баввахс кӕнынӕй ма фӕчъизи кӕнӕд,
Уыцы бон ком чи нӕ дара, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Ӕврагъ Цатырӕй адард ис, Мариамы буар та хъотырӕй митау урс адардта. Аарон бакасти Мариаммӕ ӕмӕ федта, къахӕй сӕрмӕ йыл хъотыр кӕй ис, уый.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».
Ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕдде авд боны фӕут; адӕймаг чи амардта ӕмӕ мардыл чи андзӕвыди, уыдонӕй алчидӕр йӕхи ссыгъдӕг кӕнӕд ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ уацайрӕгтӕ дӕр.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: