Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 5:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕрлӕууын кӕнӕд сылгоймаджы Дунедарӕджы раз, йӕ сӕрыхъуынтӕ йын йе уӕхсчытыл ӕркалӕд ӕмӕ йын йӕ къухтӕм раттӕд уыцы хойраджы хуын — багӕды кӕныны хуын, ӕнӕууӕнчы хуын. Сауджыны къухты — маст дон, ӕлгъыст дон,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 5:18
18 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ дын фӕстӕдӕр скъӕлдзойау мастад скӕндзӕн, дыкомыг цирхъ дын фестдзӕнис.


Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.


Мӕ хъизӕмар мын хорзӕрдӕм фӕци. Ингӕны къӕсӕрӕй мӕ раздӕхтай, мӕ тӕригъӕдтӕ мын Дӕ фӕсчъылдыммӕ фехстай дард.


Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Хъотырӕй рынчын чи у, уый дарӕд скъуыдтӕ дарӕс, йӕ сӕрыхъуынтӕ йе уӕхсчытыл ӕркалӕд, йӕ зачъе та истӕмӕй бамбӕрзӕд ӕмӕ хъӕр кӕнӕд: „Ӕнӕсыгъдӕг дӕн! Ӕнӕсыгъдӕг дӕн!“


уӕд ӕрбакӕнӕд уыцы лӕг йӕ усы сауджыны размӕ. Йӕ усы тыххӕй сауджынӕн бахӕссӕд хъӕбӕрхоры ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, ӕрмӕст ыл оливӕйы сой ма ӕркалӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд — уыцы хойраджы хуын ӕнӕууӕнчы, багӕды кӕныны фӕдыл кӕй у, уымӕ гӕсгӕ.


Ӕркӕнӕд аргъуыд дон дурын мигӕнӕны, Уаз Цӕрӕны астӕрдӕй сыджыт фелвасӕд ӕмӕ йӕ уыцы доны ныппарӕд.


афтӕмӕй хъуамӕ ныффӕдзӕхса сылгоймагӕн ӕмӕ йын зӕгъа: „Кӕд ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаг демӕ ӕмуат не ’рцыди, кӕд ӕмӕ дӕ лӕгыл гадзрахатӕй нӕ рацыдтӕ ӕмӕ нӕ фӕчъизи дӕ, уӕд дӕ ацы маст дон, адӕймагыл ӕлгъыст чи ӕфтауы, уый, мацы бахъыгдарӕд!


Ацӕуӕд дӕ хуылфы ацы ӕлгъыст дон ӕмӕ дын дӕ гуыбын ныддымсын кӕнӕд, дӕ сывӕр дын федде кӕнӕд“. Ӕмӕ хъуамӕ зӕгъа сылгоймаг: „Аммен! Аммен!“


сылгоймаг та сӕрыхъуынтӕ куы уадза, уӕд ын уый кад у, уымӕн ӕмӕ йын сӕрыхъуынтӕ ӕрдзон ӕмбӕрзӕнау лӕвӕрд сты.


Кӕд сылгоймаг сӕрбӕттӕн нӕ дары, уӕд йӕ сӕр алвынӕд; фӕлӕ сылгоймагмӕ кӕд йӕ сӕр алвынын кӕнӕ адасын худинаг кӕсы, уӕд сӕрбӕттӕн дарӕд.


Ма разынӕд уе ’хсӕн ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг, ахӕм мыггаг кӕнӕ хӕдзарвӕндаг, Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн чи лӕггад кӕна! Ма разынӕд уе ’хсӕн маргджын зайӕгой кӕнӕ скъӕлдзойы уидаг!


Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Уый фӕстӕ Самуел загъта: «Ӕрбакӕнут мӕм амалекаг паддзах Агагы». Агаг ӕм зыр-зыргӕнгӕ ӕрбацыди ӕмӕ зӕгъы: «Бӕгуы мӕ фӕивгъуыдта карз мӕлӕты азар!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan