5 Фӕндагмӕ рӕвдз кӕнгӕйӕ, Аарон йӕ фырттимӕ дуарӕмбӕрзӕн хъуамӕ сиса ӕмӕ дзы Фидыды Чырын ӕрӕмбӕрза,
Ӕмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ кӕддӕр Моисей куыд фӕдзӕхста, афтӕ левиттӕ Хуыцауы Фидыды Чырын хъилтыл ӕвӕрдӕй се уӕхсчытыл рахастой.
Афтӕмӕй левитты нал хъӕудзӕн Дунедарӕджы цӕрӕн ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ хӕссын».
Рухсмонуатӕн Соломон бауафын кодта мидӕмбӕрзӕн, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ сырх-сырхид ӕндӕхтӕй, стӕй лыстӕг гӕнӕй. Сфӕлыстой йӕ херувимты нывӕфтыдтӕй.
Бауӕфтой мидӕмбӕрзӕн — ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Херувимты нывӕфтыд сурӕттӕй йӕ сфӕлыстой.
Бахӕсс Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ мидӕмбӕрзӕнӕй сӕхгӕн.
Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн — будсудзӕн — ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз. Фембӕлды Цатыры бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн.
Дунедарӕг уыцы хохыл, ӕппӕт адӕмты цы ’мбӕрзӕн ӕрбатыхта, цы фӕлм сӕ ӕхгӕны, уый фесафдзӕн;
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг.
Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт.
Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.
Кехаты байзӕддӕгтӕн Фембӕлды Цатыры сӕ бӕрны сты иууылуаз дзауматӕ.
Кехаты байзӕддӕгтӕн та ницы радта, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ лӕггад уаз дзауматимӕ баст уыди — сӕ уӕхсчытыл сӕ хъуамӕ хастаиккой.
Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.
Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта.
Уыцы фӕндаг нын мидӕмбӕрзӕны, ома Йӕ буары фӕрцы, байгом кодта Уый ӕмӕ йыл фыццаг Йӕхӕдӕг ацыд.
Дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ цы агъуыст уыдис, уый та хуынди Рухсмонуат.
Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.