44 мыггаггай, хӕдзаргай сӕ банымайгӕйӕ, уыдысты ӕртӕ мин дыууӕсӕдӕ.
Хыгъд сӕ чи ӕрцыд, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — ӕхсӕз мин дыууӕсӕдӕ.
дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй,
Уый — Мерарийы байзӕддӕгты нымӕц. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ сӕ Моисей ӕмӕ Аарон банымадтой.
Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.
Ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуыйӕ — де ’вдузӕнтӕ, дӕ хъару цӕргӕбонты — ӕвидигӕ“.