40 мыггаггай, хӕдзаргай сӕ банымайгӕйӕ, уыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын.
Левитты фӕтӕгты сӕргъы — Елеазар, сауджын Аароны фырт; уый йӕ цӕст дары, уаз дзауматӕ кӕй бӕрны сты, уыдонмӕ.
дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй,
Уый — Гершоны байзӕддӕгтӕй Фембӕлды Цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдоны нымӕц. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ сӕ Моисей ӕмӕ Аарон банымадтой.