33 Уый — Мерарийы байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй».
Мӕнӕ Фембӕлды Цатыр саразыны хӕрдзтӕ. Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ бахыгътой левиттӕ, сауджын Аароны фырт Итамар сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.
Йӕ хӕдзарвӕндагӕй искӕуыл, йе ’фсымӕрыл ныххӕцдзӕни адӕймаг ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Уӕлӕфтау ис дӕуӕн, ӕмӕ нӕ фӕтӕг у, ацы кӕлддзӕгтӕн сӕрфат скӕн!»
Уый — Гершоны байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары дӕлбар.
кӕрты алыварс цӕджындзтӕ — сӕ бындуртӕ, сӕ цурчытӕ ӕмӕ сӕ бӕндӕнтимӕ, стӕй ӕппӕт иннӕ мигӕнӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. Уыцы хӕс сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.
Банымадтой Моисей, Аарон ӕмӕ дзыллӕйы фӕтӕгтӕ Кехаты байзӕддӕгты хӕдзаргай ӕмӕ мыггаггай,
цыппар уӕрдоны ӕмӕ аст галы та — Мерарийы байзӕддӕгтӕн, цӕмӕй сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй кусой.
Сауджынтӕн дӕр бафӕдзӕхста: «Фидыды Чырын сисут ӕмӕ адӕмӕн сӕ разӕй цӕугӕут». Сауджынтӕ систой Фидыды Чырын ӕмӕ адӕмӕн сӕ разӕй ӕрлӕууыдысты.