Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 4:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 кӕрты алыварс цӕджындзтӕ — сӕ бындуртӕ, сӕ цурчытӕ ӕмӕ сӕ бӕндӕнтимӕ, стӕй ӕппӕт иннӕ мигӕнӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. Уыцы хӕс сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 4:32
12 Iomraidhean Croise  

Иннӕты къухы уыдысты Кувӕндоны иннӕ мигӕнӕнтӕ, стӕй ӕвзаргӕ ссад, сӕн, сой, буд ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.


Скӕнут Мын Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, Ӕз дын цы хуызӕг равдисдзынӕн, уымӕ гӕсгӕ.


Цатырӕн йӕ алыварс скӕнут кӕрт. Хуссарӕрдыгӕй йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн, здыхт гӕнӕй уафт, дӕргъмӕ — фондзыссӕдз ӕлмӕрины,


йӕ цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ та — ӕрхуыйӕ конд. Цӕджындзтыл — ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ, цӕджындзты цъуппытӕ — ӕвзистӕй астӕрд, цӕджындзтӕн се ’ппӕтӕн дӕр — ӕвзист тӕлытӕ.


Мӕнӕ Фембӕлды Цатыр саразыны хӕрдзтӕ. Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ бахыгътой левиттӕ, сауджын Аароны фырт Итамар сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.


Мерарийы байзӕддӕгты бӕрны сты: Цатыры хъайвантӕ, ӕвдузӕнтӕ, цӕджындзтӕ, бындуртӕ ӕмӕ ӕппӕт гӕрзтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.


Уыдон ӕппӕт израилӕгты бӕсты лӕггад кӕнынц Уаз Цӕрӕны ӕмӕ сӕ бӕрны уӕнт Фембӕлды Цатыры мигӕнӕнтӕ.


Фембӕлды Цатыры сӕ бӕрны сты ӕмӕ хӕссынц: Цатыры фӕйнӕджытӕ, хъайвантӕ, цӕджындзтӕ ӕмӕ бындуртӕ,


Уый — Мерарийы байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй».


Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ нымад ӕрцыдысты ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр сбӕлвырд ис йӕ куыст ӕмӕ йӕ хӕс. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой.


Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта.


цыппар уӕрдоны ӕмӕ аст галы та — Мерарийы байзӕддӕгтӕн, цӕмӕй сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй кусой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan