28 Уый — Гершоны байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары дӕлбар.
Мӕнӕ Фембӕлды Цатыр саразыны хӕрдзтӕ. Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ бахыгътой левиттӕ, сауджын Аароны фырт Итамар сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сын куыд дзурой, афтӕ кусдзысты ӕмӕ сӕ хӕссинаг хӕсдзысты Гершоны байзӕддӕгтӕ. Уыцы хӕссинаг сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.
Мерарийы байзӕддӕгты дӕр мыггаггай, хӕдзаргай банымай.
Уый — Мерарийы байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй».
Дыууӕ уӕрдоны ӕмӕ цыппар галы Гершоны байзӕддӕгтӕн радта сӕ куысты ӕууӕлтӕм гӕсгӕ,