Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 4:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уыдон хӕссынц: Уаз Цӕрӕны ӕмбӕрзӕнтӕ, Фембӕлды Цатыр, йе ’мбӕрзӕн, йе ’ддаг, сӕракӕй конд, ӕмбӕрзӕн, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 4:25
8 Iomraidhean Croise  

Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.


Скӕнут-ма цатыры сӕрӕн ноджыдӕр иу ӕмбӕрзӕн — сырхахуырст фысдзӕрмттӕй, уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрут ӕндӕр ӕмбӕрзӕн — гогырӕ сӕракӕй.


Цатыры сӕрыл ӕрытыдта ӕмбӕрзӕн, ууыл та — дыккаг ӕмбӕрзӕн, — Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.


Мӕнӕ — Гершоны байзӕддӕгты куыст, сӕ бӕрны цы хӕссинаг ис, уый.


йӕ уӕлӕ йын хъуамӕ ӕрытауой сӕрак ӕмбӕрзӕн, уый уӕлӕ ӕрӕппарой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, стӕй дзы хъилтӕ атъыссой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan