Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 4:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Мӕнӕ — Гершоны байзӕддӕгты куыст, сӕ бӕрны цы хӕссинаг ис, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 4:24
12 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ ист ӕрцыди Уаз Цӕрӕн. Гершоны фырттӕ ӕмӕ Мерарийы фырттӕ систой Уаз Цӕрӕн ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой.


Уаз Цӕрӕны Гершоны байзӕддӕгтӕн сӕ бӕрны сты: Цатыр, Цатыры царӕмбӕрзӕн ӕмӕ Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,


Цатыр ӕмӕ кӕрты ӕмбонд нывондхӕссӕны алыварс, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн ӕмӕ бӕндӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.


Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.


Цӕмӕй удӕгасӕй баззайой ӕмӕ, Рухсмонуатмӕ баввахс уӕвгӕйӕ, ма амӕлой, уый тыххӕй сӕм Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ бацӕуой ӕмӕ Кехаты байзӕддагӕй алкӕмӕн дӕр йӕ хӕссинаг йӕ къухмӕ раттой.


Банымай, дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


Уыдон хӕссынц: Уаз Цӕрӕны ӕмбӕрзӕнтӕ, Фембӕлды Цатыр, йе ’мбӕрзӕн, йе ’ддаг, сӕракӕй конд, ӕмбӕрзӕн, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сын куыд дзурой, афтӕ кусдзысты ӕмӕ сӕ хӕссинаг хӕсдзысты Гершоны байзӕддӕгтӕ. Уыцы хӕссинаг сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон иумӕ


Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ нымад ӕрцыдысты ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр сбӕлвырд ис йӕ куыст ӕмӕ йӕ хӕс. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой.


Дыууӕ уӕрдоны ӕмӕ цыппар галы Гершоны байзӕддӕгтӕн радта сӕ куысты ӕууӕлтӕм гӕсгӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan