Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 4:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Кехаты байзӕддагӕн нӕдӕр бацӕуӕн, нӕдӕр сӕ цӕсты кӕронӕй бакӕсӕн ис уаз дзауматӕм, науӕд амӕлдзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 4:20
11 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Цу ӕмӕ ма иу хатт бафӕдзӕхс адӕмӕн, цӕмӕй ма ’рбахизой арӕнӕй ӕмӕ Дунедарӕджы ма феной, науӕд бирӕтӕ ссардзысты сӕ мӕлӕт.


Уӕд Дунедарӕджы цурӕй рацыди арт ӕмӕ сӕ басыгъта — Дунедарӕджы раз бабын сты сӕ дыууӕ дӕр.


Буд-иу Дунедарӕджы раз зынгыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ буды фӕздӕг Фидыды Чырыны сӕр ӕрӕмбӕрздзӕн, цӕмӕй Аарон ма амӕла.


Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.


Ӕххуыс дын кӕнӕнт ӕмӕ Фембӕлды Цатыры кусӕнт, фӕлӕ уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнмӕ хӕстӕг ма цӕуӕнт, науӕд уыдон дӕр амӕлдзысты ӕмӕ сымах дӕр.


Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.


Цӕмӕй удӕгасӕй баззайой ӕмӕ, Рухсмонуатмӕ баввахс уӕвгӕйӕ, ма амӕлой, уый тыххӕй сӕм Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ бацӕуой ӕмӕ Кехаты байзӕддагӕй алкӕмӕн дӕр йӕ хӕссинаг йӕ къухмӕ раттой.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.


Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan