2 «Левитты ’хсӕн мыггаггай, хӕдзаргай банымайут, Кехаты байзӕддӕгтӕй
Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, сӕ мыггӕгтимӕ;
Кехатӕй — Амрамы мыггаг, Ицхары мыггаг, Хевроны мыггаг, Уззиелы мыггаг. Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕ.
Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта:
дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.