Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сауджын Аароны фырт Елеазары бӕрны сты цырагъдарӕны сой, будусудзӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕрвылбоны хойраджы хуын ӕмӕ сӕрдӕн сой. Йӕ бӕрны сты Уаз Цӕрӕн ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон: уаз дзауматӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 4:16
20 Iomraidhean Croise  

оливӕйы сой — цырагъӕн, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — сӕрдӕн сойӕн ӕмӕ будӕн,


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Ноджы ма — сӕрдӕн сой ӕмӕ буд, Уаз Цӕрӕны судзынӕн. Алцыдӕр саразӕнт, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ».


Бецалел ма ноджы сцӕттӕ кодта уаз сӕрдӕн сой, стӕй дӕсны арӕзт ӕмӕ сыгъдӕг хӕрздӕфгӕнӕн.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй дын оливӕйы сой ӕрбахӕссой цырагъӕн — сыгъдӕг, къухӕй лӕмӕрст чи у, ахӕм, цӕмӕй цырагъ кӕддӕриддӕр судза.


«Мӕнӕ, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ байсӕрдыны бонӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрвылбон цы хуын хӕссын ӕмбӕлы, уый: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, йӕ иу ӕмбис — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй.


Левитты фӕтӕгты сӕргъы — Елеазар, сауджын Аароны фырт; уый йӕ цӕст дары, уаз дзауматӕ кӕй бӕрны сты, уыдонмӕ.


Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта:


«Мӕныл ис Дунедарӕджы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ кӕй ракӕсдзысты сӕ цӕстӕй, ӕфхӕрд адӕм сӕ хъизӕмарӕй кӕй фервӕздзысты ӕмӕ


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.


Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти.


Уӕдӕ, Уӕларвӕй кӕмӕ фӕсидтысты, мӕ уыцы сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ, нӕ уырнындзинады Алчер Йесомӕ.


Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ Фыййау ӕмӕ уӕ Мӕтгӕнӕгмӕ.


сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй — Хуыцауӕн фӕндонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan