Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 4:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрӕнт йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ: зынгхӕссӕн кӕфойтӕ, фыдисӕнтӕ, белтӕ, тугтадзӕн хъалацтӕ. Сӕрак ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕхгӕнӕнт ӕппӕт уыдон ӕмӕ хъилтӕ атъыссӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 4:14
7 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма Соломон саразын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ дӕр: сыгъзӕрин нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; цырагъдарӕнтӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд, сӕ цырӕгътимӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз судзынӕн; дидинсыф фӕлындӕнтӕ, цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; хӕсгӕрдтӕ, кӕхцытӕ, цолпытӕ, будсудзӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; Кувӕндоны дуӕрттӕ: Рухсмонуаты дуар ӕмӕ Кувӕндоны сӕйраг агъуысты дуар, уыдон дӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд.


Акъацийӕ сараз нывондхӕссӕн: фондз ӕлмӕрины — дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины.


Сараз фӕныкхӕссӕн тастӕ, фыййӕгтӕ, тугӕмбырдгӕнӕн кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скӕн ӕрхуыйӕ.


Нывондхӕссӕн йӕ фӕныкӕй расыгъдӕг кӕнӕнт ӕмӕ йыл сӕнт сырх ӕмбӕрзӕн айтындзӕнт,


Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.


йӕ уӕлӕ йын хъуамӕ ӕрытауой сӕрак ӕмбӕрзӕн, уый уӕлӕ ӕрӕппарой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, стӕй дзы хъилтӕ атъыссой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan