Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Райсӕнт, уазлӕггады кӕмӕй пайда кӕнынц, Уаз Цӕрӕны уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр, ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕны сӕ батухӕнт, сӕракӕй сӕ ӕрӕмбӕрзӕнт ӕмӕ сӕ афтӕмӕй хӕссӕныл сӕвӕрӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 4:12
16 Iomraidhean Croise  

Сӕ иуты къухы уыдысты аргъауыны ахсджиаг мигӕнӕнтӕ, нымадӕй сӕ хастой мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддемӕ дӕр.


Иннӕты къухы уыдысты Кувӕндоны иннӕ мигӕнӕнтӕ, стӕй ӕвзаргӕ ссад, сӕн, сой, буд ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.


Ноджы ма Хурам скодта къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, тугпырхгӕнӕн кӕхцытӕ. Ӕмӕ уыйадыл Хурам фӕци, Соломонӕн Хуыцауы Кувӕндоны цы куыстытӕ кодта, уыдон. Уый сарӕзта:


къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, фыдистӕ. Хурам-Авиа паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд ӕмӕ ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд.


Ноджы ма Соломон саразын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ дӕр: сыгъзӕрин нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; цырагъдарӕнтӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд, сӕ цырӕгътимӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз судзынӕн; дидинсыф фӕлындӕнтӕ, цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; хӕсгӕрдтӕ, кӕхцытӕ, цолпытӕ, будсудзӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; Кувӕндоны дуӕрттӕ: Рухсмонуаты дуар ӕмӕ Кувӕндоны сӕйраг агъуысты дуар, уыдон дӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд.


ӕлдыгъгонд ӕмӕ сырхахуырст фысдзӕрмттӕ, гогырӕ сӕрак ӕмӕ акъацийы хъӕдӕрмӕг,


Скӕнут Мын Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, Ӕз дын цы хуызӕг равдисдзынӕн, уымӕ гӕсгӕ.


уаз куысты дарӕс — алчер Ааронӕн, сауджынлӕггады дарӕс — йӕ фырттӕн.


Уыдон ӕппӕт израилӕгты бӕсты лӕггад кӕнынц Уаз Цӕрӕны ӕмӕ сӕ бӕрны уӕнт Фембӕлды Цатыры мигӕнӕнтӕ.


Сыгъзӕрин нывондхӕссӕныл айтындзӕнт ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, уый уӕлӕ — сӕрак ӕмбӕрзӕн ӕмӕ хъилтӕ сӕ бынӕтты атъыссӕнт.


Нывондхӕссӕн йӕ фӕныкӕй расыгъдӕг кӕнӕнт ӕмӕ йыл сӕнт сырх ӕмбӕрзӕн айтындзӕнт,


йӕ уӕлӕ йын хъуамӕ ӕрытауой сӕрак ӕмбӕрзӕн, уый уӕлӕ ӕрӕппарой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, стӕй дзы хъилтӕ атъыссой.


Дунедарӕджы раз цы фынг ис, ууыл хъуамӕ ӕрытауой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ йыл равӕрой тӕбӕгътӕ, куыситӕ ӕмӕ кӕхцытӕ, стӕй хъалацтӕ сӕнӕн; иудадзыг ыл цы дзултӕ ӕвӕрынц, уыдон ӕдзухдӕр хъуамӕ уой йӕ уӕлӕ.


Ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕмбӕрзӕнт цырагъдарӕн ӕмӕ йӕ цырӕгътӕ, йе ’ртыскӕнтӕ, будсудзӕнтӕ ӕмӕ, йемӕ цы сойы мигӕнӕнтӕ ис, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan