Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 36:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Дунедарӕг Цалфахады чызджыты тыххӕй афтӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, кӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуой, уыдонмӕ сӕ бон у смой кӕнын, фӕлӕ сын моймӕ цӕуӕн ис ӕрмӕст сӕхи фыды хӕдзарвӕндагмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 36:6
7 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,


Елеазар амарди, фырттӕ йын нӕ сӕнтыст, афтӕмӕй, уыди йын чызджытӕ. Сӕ фыды ’фсымӕр Кишы фырттӕ сӕ ракуырдтой.


«Раст зӕгъынц Цалфахады чызджытӕ. Скӕн сын хай сӕ фыды ’фсымӕрты ’хсӕн ӕмӕ сын сӕ фыды хай ратт.


Йосефы фырт Менассиайы хӕдзарвӕндаджы чындзытӕ баисты, ӕмӕ сӕ хай сӕхи фыды хӕдзарвӕндагӕн баззади.


Ӕмӕ загъта Моисей израилӕгтӕн Дунедарӕджы амындӕй: «Рӕстытӕ дзурынц Йосефы байзӕддӕгтӕ.


Ӕнӕуырнджытимӕ иу уӕрдоны уӕхи ма баифтындзут. Рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдӕн, рухс ӕмӕ талынгӕн иумӕйагӕй исты ис, мыййаг?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan