Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 36:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Израилӕгты ӕрдӕгсӕдӕйон аз куы ралӕууа, уӕд дӕр уыдоны хай, цы хӕдзарвӕндагмӕ смой кодтой, уымӕн баззайдзӕн, мах фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хай та фӕкъахыр уыдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 36:4
7 Iomraidhean Croise  

Рарвыста мӕ, Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд ӕмӕ Йӕ адӕмы маст фыдгултӕй кӕй райсдзӕн, уый фехъусын кӕнынмӕ. Рарвыста мӕ хъынцъымгӕнджыты зӕрдӕ фӕфидар кӕнынмӕ,


Зӕхх мыггагмӕ ауӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн у, сымах та стут, Мӕ зӕххыл чи ӕрцард, ахӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ.


Анымайут авд хатты авд азы, ӕдӕппӕтӕй авд авды куыд уой. Ӕмӕ сабаты азтӕй авд куы рацӕуа — фараст ӕмӕ дыууиссӕдз азы,


Фӕлӕ уыдон ӕндӕр израилаг хӕдзарвӕндагмӕ куы смой кӕной, уӕд сӕ хай нӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы нал уыдзӕн; цы хӕдзарвӕндагмӕ смой кӕной, уыцы хӕдзарвӕндаджы хайыл бафтдзӕн, мах фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хай та фӕкъахыр уыдзӕн.


Ӕмӕ загъта Моисей израилӕгтӕн Дунедарӕджы амындӕй: «Рӕстытӕ дзурынц Йосефы байзӕддӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan