8 Оры хохӕй Хаматмӕ йӕхи айтындздзӕн ӕмӕ Цедады балӕудзӕн.
Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый
Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.
Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый.
арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ.
Афтӕмӕй, Кирйат-Иаримӕй Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахӕссыны охыл Давид ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт израилӕгты дӕр — Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй райдайгӕйӕ Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, бахизӕны онг чидӕриддӕр царди, уыдоны.
Кално дӕр ӕмӕ Каркемиш дӕр, Хамат дӕр ӕмӕ Арпад дӕр, Самари дӕр ӕмӕ Дамаск дӕр.
Халдейӕгтӕ сӕ фӕсте асырдтой ӕмӕ паддзах Цедекиайы Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕны баййӕфтой. Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, Ривлайы сахармӕ, Хаматы зӕхмӕ. Ӕмӕ йын паддзах уыцы ран тӕрхон рахаста.
Тагъд уын Ӕз, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ ныхмӕ ахӕм адӕмы сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ Лево-Хаматӕй суанг Аравы онг ассӕнддзысты!
Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди.
Ахӕццӕ уыдзӕни Зифронмӕ ӕмӕ уырдыгӕй аххӕсдзӕни Хацар-Энанмӕ. Уый уыдзӕн уӕ цӕгатаг арӕн.