Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 34:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 ныгуылӕйнаг арӕн та уын Стыр денджыз уыдзӕн, уый уыдзӕн уӕ ныгуылӕйнаг арӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 34:6
12 Iomraidhean Croise  

Доны былыл Ен-Гедийӕ Еглаимы онг кӕфахсджытӕ лӕудзысты ӕмӕ сӕ хызтӕ хус кӕнынмӕ таудзысты. Стыр денджызау ам дӕр уыдзӕни тынг бирӕ алымыггаг кӕсӕгтӕ.


Мӕнӕ бӕстӕйы цӕгатаг арӕн. Стыр денджызӕй райдай ӕмӕ Хетлон, Цедад,


Ныгуылӕйнаг арӕн у Стыр денджыз йӕ былгӕронимӕ, Мысыры арӕнӕй райдай ӕмӕ суанг Хаматы онг. Уый у ныгуылӕйнаг арӕн.


Уырдыгӕй азилдзӕн Мысыры лӕнкмӕ ӕмӕ денджызмӕ бахӕццӕ уыдзӕн,


Уӕ цӕгатаг арӕн: Стыр денджызӕй йӕ Оры хохмӕ фӕнысан кӕнут.


Неффалимы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Иудӕйы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, суанг ныгуылӕны денджызы онг,


Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ Ливаны хӕхтӕй Евфраты стыр цӕугӕдоны онг (ноджы ма хеттӕгты зӕхх иууылдӕр), стӕй Зӕххастӕуы денджызы онг ныгуылӕны — уыцы зӕххытӕ иууылдӕр суыдзысты уӕ бӕстӕ.


Дарддӕр арӕн рахызт Екроны цӕгатвахсмӕ ӕмӕ фӕзылди Шиккероны ’рдӕм, ахызти Баалайы хӕхбӕстыл ӕмӕ бахӕццӕ Йавнелмӕ, уырдыгӕй та йӕхи айтыгъта суанг денджызы онг.


Ныгуылӕйнаг арӕн у Зӕххастӕуы денджыз йӕ былгӕронимӕ. Ахӕм арӕнтӕ уыд Иудӕйы байзӕддаджы мыггӕгты зӕххытӕн.


Ашдод йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ; Газӕ йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ суанг Мысыры арӕныл тӕрфы онг ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы онг йӕ былгӕронимӕ.


Гъемӕ уын ӕз халӕппӕрстӕй уӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн исбонӕн байуӕрстон, ардыгон адӕмтӕй ма сӕрӕгас чи у, уыдоны зӕххытӕ, Иорданӕй хурныгуылӕнӕрдӕм — суанг Стыр денджызы онг (уыимӕ, цы адӕмты ныццагътон, уыдоны зӕххытӕ дӕр).


Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм хӕхбӕсты, Шефелайы ӕмӕ Стыр денджызы ӕппӕт былгӕрӕтты, суанг Ливаны онг — хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты паддзӕхтӕм — Израилы адӕмы уӕлахизты кой куы байхъуыст,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan