Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 34:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уырдыгӕй азилдзӕн Мысыры лӕнкмӕ ӕмӕ денджызмӕ бахӕццӕ уыдзӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 34:5
8 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.


Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.


Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Хуссайраг арӕн, Негевы, йӕхи айтыгъта сахар Тамарӕй Мериват-Кадешы доны онг, стӕй дон-дон суанг Стыр денджызы онг. Уый у хуссайраг арӕн Негевы.


Йӕ цатыртӕ айтындздзӕн денджыз ӕмӕ Уаз хохы, хӕхты рӕсугъддӕры, ӕхсӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ничиуал баххуыс кӕндзӕн.


бахӕццӕ Ацмонмӕ, рахызти Мысыры арӕныл тӕрфмӕ ӕмӕ йӕ кӕрон Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттӕм бахаста. Ахӕм уыдис Иудӕйы хуссайраг арӕн.


Ашдод йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ; Газӕ йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ суанг Мысыры арӕныл тӕрфы онг ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы онг йӕ былгӕронимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan