Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 34:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 уӕ бӕстӕйы хуссайраг хай райдайдзӕн Цины ӕдзӕрӕг быдыры, Едомы арӕнӕй. Скӕсӕны уӕ хуссайраг арӕн йӕхи айтындздзӕни Мард денджызы былгӕронӕй,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 34:3
9 Iomraidhean Croise  

Адон та се ’фсӕдты уымӕй размӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кодтой Сидимы дӕлвӕзы, ныр Мард денджыз кӕм ис, уым.


Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ацы арӕнтыл байуарут зӕхх Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Йосефы хӕдзарвӕндагӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕд дыууӕ хайы.


Уыцы лӕг мын загъта: «Ацы дон цӕуы скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы дӕлвӕзы онг, уым бакӕлдзӕни денджызмӕ ӕмӕ денджызы дон суыдзӕнис ӕнӕнизгӕнӕг.


Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди.


Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ Ливаны хӕхтӕй Евфраты стыр цӕугӕдоны онг (ноджы ма хеттӕгты зӕхх иууылдӕр), стӕй Зӕххастӕуы денджызы онг ныгуылӕны — уыцы зӕххытӕ иууылдӕр суыдзысты уӕ бӕстӕ.


афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan