2 «Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс: Ханааны бӕстӕм куы бацӕуат, уӕд, уӕ хай цы зӕхх бауыдзӕн, уымӕн уыдзӕнис ахӕм арӕнтӕ:
сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.
Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».
Се знӕгтӕ фӕдӕлдон сты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзт.
Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.
Ӕз загътон: «Мӕ фыртыл дӕ куыд банымайон? Бӕллиццаг бӕстӕ, адӕмты хуыздӕр исбон, дӕуӕн куыд раттон? Ӕз ӕнхъӕлдтон, схондзынӕ мӕ дӕ Фыд, гадзрахатӕй Мыл нӕ рацӕудзынӕ.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ацы арӕнтыл байуарут зӕхх Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Йосефы хӕдзарвӕндагӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕд дыууӕ хайы.
Алчидӕр-иу уӕ райсӕд йӕ исбоны зӕхх. Ӕз, Мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, уӕ фыдӕлтӕн ӕй кӕй ратдзынӕн, ууыл, ӕмӕ уын ацы зӕхх уыдзӕни фыдӕй-фыртмӕйы исбон.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.
Уыцы Уд у, Хуыцаумӕ нын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн. Райсдзыстӕм сӕ, Хуыцау Йӕ адӕмы куы ссӕрибар кӕна, уӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй Йӕ кадыл ноджыдӕр бафтдзӕн.
Байгом уын кӕнӕд уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ, цӕмӕй фенат, цы зӕрдӕдарӕнмӕ уӕм басидт, уый цавӕр у, куыд хъӕздыг сты, йӕ сыгъдӕджыты ӕмрӕнхъ уын хай кӕмӕй уыдзӕн, Йӕ уыцы диссаджы бынтӕ,
Дунедарӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йешуа уыцы бӕстӕ бацахста ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста. Ӕмӕ уӕд бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.
Йешуа тынг базӕронд ис. Дунедарӕг ын загъта: «Бынтондӕр базӕронд дӕ, афтӕмӕй уын нырма бацахсинаг зӕххытӕ дзӕвгар баззад.
Ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕг Израилы адӕмӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын ард кӕмӕй бахордта, уыцы зӕххытӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.