18 Ӕмӕ ма ноджы фӕйнӕ иу фӕтӕджы снысан кӕнут алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр зӕхх адих кӕнынмӕ.
Уый фӕстӕ адардтой сӕ фӕндаг Хацеротӕй ӕмӕ уал Параны ӕдзӕрӕг быдыры ӕрлӕууыдысты.
«Мӕнӕ, бӕстӕ уын чи хӕйттӕ кӕндзӕн, уыцы лӕгты нӕмттӕ: сауджын Елеазар ӕмӕ Йешуа, Нуны фырт.
Мӕнӕ уыцы лӕгты нӕмттӕ: Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — Калев, Иефоннейы фырт.
Уыдон — Дунедарӕг Ханааны зӕхх израилӕгты ’хсӕн байуарын кӕмӕн бафӕдзӕхста, уыцы адӕймӕгтӕ.
Ацы зӕххытӕ сты, сауджын Елеазар, Нуны фырт Йешуа ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн хӕлттӕм гӕсгӕ Силомы, Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны цур цы зӕххы хӕйттӕ байуӕрстой, уыдон. Уыйадыл зӕххытӕ уӕрст фесты.