12 Ӕрхиздзӕн арӕн Иорданмӕ ӕмӕ йӕхи айтындздзӕни Мард денджызы былгӕрӕтты. Уый уын уӕ бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй, йӕ арӕнтимӕ».
Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта.
Адон та се ’фсӕдты уымӕй размӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кодтой Сидимы дӕлвӕзы, ныр Мард денджыз кӕм ис, уым.
Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ацы арӕнтыл байуарут зӕхх Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Йосефы хӕдзарвӕндагӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕд дыууӕ хайы.
Шефамӕй ацӕудзӕни Аины скӕсӕнварс Ривламӕ, Киннереты денджызы былмӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
Ӕмӕ бафӕдзӕхста Моисей израилӕгтӕн: «Мӕнӕ ацы бӕстӕ сымах хӕлттӕм гӕсгӕ схӕйттӕ кӕндзыстут фараст ӕмӕ ӕрдӕг хӕдзарвӕндаджы ’хсӕн, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.
уӕ бӕстӕйы хуссайраг хай райдайдзӕн Цины ӕдзӕрӕг быдыры, Едомы арӕнӕй. Скӕсӕны уӕ хуссайраг арӕн йӕхи айтындздзӕни Мард денджызы былгӕронӕй,
Йешуа тынг базӕронд ис. Дунедарӕг ын загъта: «Бынтондӕр базӕронд дӕ, афтӕмӕй уын нырма бацахсинаг зӕххытӕ дзӕвгар баззад.
Скӕсӕйнаг арӕн у Мард денджыз, Иордан ӕм кӕм бакӕлы, уый онг. Цӕгатаг арӕн райдыдта, Иордан денджызмӕ кӕм бакӕлы, уырдыгӕй