11 Шефамӕй ацӕудзӕни Аины скӕсӕнварс Ривламӕ, Киннереты денджызы былмӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
Фараон Нехо йӕ Ривлайы сахары, Хаматы зӕххыл, уацары райста, ӕмӕ ууыл йӕ паддзахиуӕг ахицӕн Йерусалимы. Нехо Иудейӕ ӕрдомдта ивар: ӕвзисты сӕдӕ таланты ӕмӕ сыгъзӕрины иу талант.
Халдейӕгтӕ паддзахы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Ривлайы сахармӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносоры размӕ, акодтой. Уым ын стӕрхон кодтой.
Ривлайы сахары Вавилоны паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты йӕхи раз амарын кодта, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.
йӕхи та йын ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзахмӕ, Хаматы зӕхмӕ, Ривлайы сахармӕ. Уым ын паддзах Навуходоносор стӕрхон кодта.
Скӕсӕйнаг арӕн: Хацар-Энанӕй — Шефаммӕ.
Ӕрхиздзӕн арӕн Иорданмӕ ӕмӕ йӕхи айтындздзӕни Мард денджызы былгӕрӕтты. Уый уын уӕ бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй, йӕ арӕнтимӕ».
Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисареты цурмӕ.
Иуахӕмы Йесо Геннисареты цады был лӕууыд, ӕмӕ Йӕм Хуыцауы ныхасмӕ байхъусынмӕ адӕм уырдӕм гуылф кодтой.
Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.
Ноджы ма сын радтон Аравӕ Иорданы онг, Киннеретӕй Аравӕйы (Мард) денджызы онг ӕмӕ скӕсӕнӕрдыгӕй — суанг Фасгайы фӕхстӕм.
цӕгат хӕхбӕсты паддзӕхтӕм, Киннереты цадӕй хуссарӕрдӕм Иорданы дӕлвӕзы паддзӕхтӕм, Шефелайы паддзӕхтӕм, Доры ӕмӕ йӕ алыварс Зӕххастӕуы денджызы былгӕроны паддзӕхтӕм,
стӕй Иорданы скӕсӕйнаг тӕрфрӕбын Киннереты денджызӕй хуссарӕрдӕм, Мард денджызы онг, Бет-Йешимотмӕ ӕмӕ Фасгайы хохы фӕхстӕм.
Иорданы тӕрфы та: Бет-Харам, Бет-Нимра, Суккот ӕмӕ Цафон — Рувимы хайӕ фӕстӕмӕ хешбонаг паддзах Сигоны зӕхх, Иорданы дон ӕмӕ донӕн йе скӕсӕйнаг былгӕрон Киннереты денджызы онг.
Неффалимы зӕххы хаймӕ хаудтой фидар сахартӕ Циддим, Цер, Хаммат, Раккат, Киннерет,