4 мысырӕгтӕ, Дунедарӕг кӕй ӕрцавта, сӕ уыцы хистӕр фыртты мӕрдтӕ куы ныгӕдтой, Дунедарӕг сын сӕ хуыцаугӕндты куы ныффалгӕрон кодта, уӕд.
Сӕ гуымирытӕн сын лӕггад кӕнын райдыдтой, ӕмӕ афтӕмӕй цъысымы бахаудтой.
Уыцы ӕхсӕв Ӕз Мысыры астӕуты ацӕудзынӕн ӕмӕ йын фӕмард кӕндзынӕн йӕ хистӕр фыртты дӕр ӕмӕ йӕ фосы сӕртӕ дӕр. Уый уыдзӕн Мӕ тӕрхон Мысыры ӕппӕт хуыцӕуттӕн. Ӕз — Дунедарӕг!
Ныр ӕз базыдтон, иннӕ хуыцӕуттӕ сӕхи цыфӕнды бӕрзонд куы ӕвӕрой, уӕддӕр Дунедарӕг се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый!».
Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна, уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн, ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр адӕмтӕ кувдзысты.
Уымӕн ӕмӕ Мӕн у алы фыццаг зӕнӕг дӕр. Мысыры алы фыццаг цӕуӕты куы ныццагътон, уӕд Мӕхицӕн рахицӕн кодтон Израилы алы фыццаг цӕуӕты дӕр — адӕймагӕй фосы онг. Мӕн сты уыдон. Ӕз — Дунедарӕг».