Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 33:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Моисей ӕрфыста, Дунедарӕджы ныхасӕй-иу рӕсӕнуатӕй кӕм фенкъуыстысты ӕмӕ-иу сӕ фӕндагыл дарддӕр цы рӕттӕй ацыдысты, уыдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 33:2
8 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».


Уӕд фыццаг хатт сыстадысты сӕ бынатӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


сыкъауадындзтӕ дыккаг хатт куы ныккӕной фӕдисы уаст, уӕд та, хуссары чи лӕууыд, уыдон фӕдисы уастмӕ сӕ бынатӕй фенкъуысынц.


Мӕнӕ Моисей ӕмӕ Аароны разамындӕй Мысырӕй чи рацыд, уыцы израилӕгты балцвӕндӕгтӕ сӕ хӕстон къордтӕм гӕсгӕ.


Рамсесӕй рараст сты фыццаг мӕйы фынддӕсӕм бон; Куадзӕны нывонд куы ӕрхастой, уымӕн йӕ дыккаг бон рацыдысты израилӕгтӕ бӕрзонд къухдариуӕджы бын ӕппӕт мысырӕгты цӕсты раз,


Хоревӕй Сеиры хӕхтӕм фӕндагыл Кадеш-Барнеайы ’рдӕм иуӕндӕс бонцауы ӕддӕдӕр,


Дунедарӕг мын загъта: „Сыст ӕмӕ ацы адӕмы дӕ фӕдыл ахон. Фӕцӕуӕнт ӕмӕ сӕхи бакӕнӕнт, сӕ фыдӕлтӕн сын, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan