7 Цӕмӕн ардаут израилӕгты, цӕмӕй ма ацӕуой, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм?
Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой.
Моисейы алыварс цы адӕм уыд, уыдоны Калев разӕнгард кодта: «Цом ӕмӕ нӕхи бакӕнӕм уыцы бӕстӕ! Фӕтых сыл уыдзыстӕм!»
Ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ Параны ӕдзӕрӕг быдырӕй Моисей разӕй лӕгтӕ арвыста, се ’ппӕт дӕр — израилӕгты фӕтӕгтӕ.
Ӕмӕ рараст сты Оры хохӕй Сырх денджызмӕ фӕндагыл, цӕмӕй Едомы бӕстӕйы иувӕрсты ацӕуой. Фӕндагыл адӕм бастадысты.
Ӕмӕ загъта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн: «Уе ’фсымӕртӕ хӕстмӕ ацӕудзысты, сымах та ам баддзыстут?
Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты, бӕстӕ федтой ӕмӕ израилӕгты сардыдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм ма ацӕуой.
Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».
Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.