Уриа йын дзуапп радта: «Фидыды Чырын, стӕй Израил ӕмӕ Иудӕйы ӕфсад цатырты куы сты, мӕ хицау Йоав ӕмӕ мӕ паддзахы хӕстонтӕ тыгъд быдыры рӕсӕнуаты куы бадынц, уӕд ӕз мӕ хӕдзармӕ куыд бацӕуон, куыд хӕрон ӕмӕ куыд нуазон ӕмӕ мӕ усы фарсмӕ куыд хуыссон? Сомы кӕнын Хуыцауӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз уый нӕ бакӕндзынӕн».