5 Загътой: «Кӕд нӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд уыцы зӕхх ратт махӕн, Иорданы сӕрты нӕ ма ахизын кӕн».
Ды Дӕ цагъары скодтай Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн.
Йоав ӕрхауди зӕххыл, ныддӕлгом ис ӕмӕ паддзахӕн раарфӕ кодта: «Ныр дӕ цагъар зоны, мӕ бардарӕг, мӕ паддзах, хорз цӕстӕй мӕм кӕй ракастӕ, уый, уымӕн ӕмӕ паддзах сӕххӕст кодта йӕ цагъары фӕндон».
Естер-ӕхсины кӕрты лӕугӕ куы ауыдта, уӕд ӕм кӕсгӕйӕ аззади. Йӕ къухы цы зӕрин лӕдзӕг уыди, уымӕй йын ацамыдта. Естер хӕстӕг бацыди ӕмӕ лӕдзӕджы хъуымбылӕгыл бандзӕвыди къухӕй.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кардӕй чи аирвӕзт, уыцы адӕм хорзӕх ссардтой ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ басабыр кӕндзынӕн Израилы».
Дунедарӕг израилӕгты цӕстыты раз кӕй ӕрцавта, уыцы зӕхх стурвосы зӕхх у, ӕмӕ дӕ цагъартӕм та ис рӕгъӕуттӕ».
Ӕмӕ загъта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн: «Уе ’фсымӕртӕ хӕстмӕ ацӕудзысты, сымах та ам баддзыстут?
Мӕнмӕ дӕр фӕхъызыди Дунедарӕг сымах тыххӕй. Загъта мын: „Ды дӕр нӕ бацӕудзынӕ уыцы бӕстӕм!
Йешуа загъта: «О Дунедарӕг, Бардарӕг! Ацы адӕмы Иорданы сӕрты цӕй номыл ӕрбахизын кодтай? Аморӕгты къухтӕм раттыны ӕмӕ фесафыны тыххӕй? Фӕлтау Иорданы фале куы баззадаиккам!
Руф йӕ разы ӕрзоныг кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Уагӕр дын уый бӕрц цӕмӕй балхӕдтон дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ, кӕд ӕндӕрбӕстаг дӕн, уӕддӕр мӕм де ’ргом раздахай?»
Давид ард бахордта ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд, бӕгуыдӕр, зоны, хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: „Ионатан мацы базонӕд, науӕд ын хъыг уыдзӕни“. Фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй: мӕ цард ӕрдуйыл хӕцы».