Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 32:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Дунедарӕг израилӕгты цӕстыты раз кӕй ӕрцавта, уыцы зӕхх стурвосы зӕхх у, ӕмӕ дӕ цагъартӕм та ис рӕгъӕуттӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 32:4
9 Iomraidhean Croise  

Симеоны хӕдзарвӕндаджы уӕлдӕр ранымад мыггӕгтӕ уырдӕм ӕрцыдысты Иудейы паддзах Езекиайы заман, сӕхи ныццавтой Хамы байзӕддӕгты цатыртӕ ӕмӕ меунӕгты цӕрӕнтыл, мыггагыскъуыд сӕ фӕкодтой ӕмӕ сын ӕрцардысты сӕ бынӕтты, уымӕн ӕмӕ дзы сӕ фосы дзугтӕн уыди хизӕнтӕ.


Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн.


Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!


Ныддӕрӕн ӕй кодта Израил ӕмӕ йын йӕ зӕхх байста Арнонӕй Йавокмӕ, аммонӕгты онг, уымӕн ӕмӕ аммонӕгты арӕн фидар уыд.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ма дзы тӕрс: дӕ къухмӕ дын дӕттын Ӕз йӕхи дӕр, йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ бӕстӕ дӕр. Сигонӕн, аморӕгты паддзахӕн, Хешбоны цӕрӕгӕн куыд бакодтай, уымӕн дӕр афтӕ бакӕн».


Ӕмӕ йын амардтой йӕхи, йӕ фыртты ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, иуы дӕр дзы удӕгасӕй нал ныууагътой, ӕмӕ йын йӕ зӕхх сӕхи бакодтой.


Загътой: «Кӕд нӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд уыцы зӕхх ратт махӕн, Иорданы сӕрты нӕ ма ахизын кӕн».


цӕмӕй фӕсурат сӕ бӕстӕй, сымахӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны; цӕмӕй уӕ ӕрбакӕна сӕ зӕхмӕ ӕмӕ уын ӕй ратта исбонӕн, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan