Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 32:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Аморӕгтӕ Галаады цардысты. Бацыдысты уырдӕм Менассиайы фырт Махиры фырттӕ ӕмӕ йӕ сӕхи бакодтой, аморӕгты фӕтардтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 32:39
7 Iomraidhean Croise  

Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.


Уый фӕстӕ араст кодтой Галаадмӕ, стӕй та Тахтим-Ходшейы зӕхмӕ, бахӕццӕ сты Дан-Йаанмӕ. Уырдыгӕй баздӕхтысты Сидоны ’рдӕм,


Менассиайы байзӕддӕгтӕ: Махирӕй — Махиры хӕдзарвӕндаг; Махирӕй райгуырд Галаад, Галаадӕй рацыд Галаады хӕдзарвӕндаг.


Махирӕн ӕз радтон Галаад.


Йӕ хал схаудта Йосефы фыццаг зӕнӕг Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. Менассиайы фыццаг зӕнӕг Махирӕн — Галаады фыдӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хай — Галаад ӕмӕ Башан — райстой раздӕр.


Уыдон сӕ ссӕстой ӕмӕ сӕ хурхӕй мардтой. Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕй Иорданы фале, Галаады, аморӕгты зӕххыл чи царди, уыдоны уӕлӕмӕ скӕсын дӕр нал суагътой.


Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan