34 Ӕмӕ сарӕзтой Гады байзӕддӕгтӕ Дивон, Атарот ӕмӕ Ароер,
ӕмӕ Бела. Белайы фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Азаз, Шема ӕмӕ Иоел. Рувимы байзӕддӕгтӕ цардысты Ароеры сахары ӕмӕ уымӕй цӕгатӕрдӕм дӕр, суанг Нево ӕмӕ Баал-Меоны онг;
Ароеры алыварс сахартӕ федзӕрӕг уыдзысты. Ӕрмӕст ма дзы фосы дзугтӕ ривӕд кӕндзысты ӕмӕ сын тас никӕмӕй уыдзӕн.
Бамотӕй — Моавы быдырты, ӕдзӕрӕг быдыры чи зыны, уыцы Фасгайы хохы сӕрмӕ.
Фатты бын сӕ фӕкодтам; бацарӕфтыд кодтам Хешбон Дивоны онг, гӕныстон фӕци, Медевайы раз чи ис, уыцы Нофахы онг».
«Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —
Атарот-Шофан, Йазер ӕмӕ Йагбеха,
Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се ’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.
Аммонӕгты ссӕдз хъӕуы ныддӕрӕн кодта — Ароерӕй Миннит ӕмӕ Авел-Керамимы онг. Афтӕмӕй израилӕгтӕ аммонӕгтыл фӕуӕлахиз сты.