Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 32:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Мах гӕрзифтонгӕй Дунедарӕджы раз ацӕудзыстӕм Ханааны бӕстӕм, ӕмӕ нын Иорданӕн йӕ ацы фарс хай уӕд».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 32:32
10 Iomraidhean Croise  

«Сымах, кӕй уын дӕттын, уыцы Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат, ӕмӕ уыцы ран Ӕз искӕцы хӕдзарыл хъуына куы бафтауон,


Мах уыдонимӕ хай нӕ райсдзыстӕм Иорданы фаллаг фарс, уымӕн ӕмӕ Иорданӕн йӕ ацы, скӕсӕнварс, исӕм хай».


Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ загътой: «Дунедарӕг дӕ цагъартӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм.


Ӕмӕ радта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн, стӕй Йосефы фырт Менассиайы байзӕддӕгты ӕрдӕгӕн аморӕгты паддзах Сигоны ӕмӕ Башаны паддзах Огы бӕстӕтӕ сӕ сахартӕ ӕмӕ алфамбылай зӕххытимӕ.


Дыууӕ хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ хӕдзарвӕндаджы ӕрдӕг сӕ хай райстой Иорданы иннӕ фарс, скӕсӕны, Йерихоны бакомкоммӕ».


Мӕнӕ, Моисей ӕппӕт израилӕгтӕн Иорданы фале, Аравӕйы ӕдзӕрӕг быдыры, Суфмӕ ӕввахс, Паран, Тофел, Лаван, Хацерот ӕмӕ Ди-Захавы астӕу цы загъта, уый.


Сӕ зӕхх сын нӕхи бакодтам ӕмӕ йӕ Рувим ӕмӕ Гады, стӕй Менассиайы байзӕддӕгтӕн се ’мбисы ӕхсӕн байуӕрстам.


Уӕды заман цы зӕхх байстам, уый Арноны был Ароерӕй райдайы; Галаады хӕхбӕсты ӕмбис ӕд сахартӕ ӕз Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн радтон.


Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.


Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ басастой Сигоны ӕмӕ Огы, сӕ зӕхх сын Дунедарӕджы цагъар Моисей радта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan