30 Кӕд ӕмӕ гӕрзифтонгӕй уемӕ нӕ ацӕуой, уӕд та уе ’хсӕн райсдзысты хай Ханааны».
Загъта Моисей: «Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ кӕд иууылдӕр Дунедарӕджы раз гӕрзифтонгӕй Иорданы сӕрты уемӕ ахизой ӕмӕ бӕстӕ саст ӕрцӕуа, уӕд-иу Галаады зӕхх уыдонӕн раттут.
Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ загътой: «Дунедарӕг дӕ цагъартӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм.
Кӕд уӕ зӕххы хай фӕчъизи ис, уӕд рацӕут Дунедарӕджы зӕххы хаймӕ — Йӕ Уаз Цӕрӕн кӕм лӕууы, уырдӕм! Мах цур хай райсут уӕхицӕн, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ма цӕут ӕмӕ мах дӕр азымаг ма кӕнут, уӕхицӕн Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕнӕй уӕлдай ӕндӕр нывондхӕссӕн кӕй аразут, уымӕй.