26 Не ’нахъом сабитӕ, нӕ бинойнӕгтӕ, нӕ рӕгъӕуттӕ, не ’ппӕт фос баззайдзысты уым, Галаады сахарты.
Ӕмӕ загътой Моисейӕн Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ: «Дӕ цагъартӕ, нӕ хицау цы зӕгъа, уый бакӕндзысты.
Ӕрмӕст уӕ устытӕ, уӕ сабитӕ ӕмӕ уӕ фос та (ӕз зонын, куыд бирӕ фос уӕм ис, уый), цы сахартӕ уын радтон, уыдоны баззайӕнт,
Уӕ устытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ фос баззайӕнт, Моисей уын Иорданы ацы фарс цы зӕхх радта, уым, сымахӕй та хӕцынхъом чидӕриддӕр у, уыдон хӕстифтонгӕй бахизӕнт фаллаг фарсмӕ, уе ’фсымӕртӕн сӕ разӕй. Баххуыс сын кӕнут,
Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис Ханааны сахар Силомӕй, се ’фсымӕр израилӕгты цурӕй, аздӕхтысты Галаадмӕ, сӕ зӕхмӕ, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы бардзырд радта, уымӕ гӕсгӕ кӕй бацахстой, уырдӕм.