25 Ӕмӕ загътой Моисейӕн Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ: «Дӕ цагъартӕ, нӕ хицау цы зӕгъа, уый бакӕндзысты.
Аразут сахартӕ уе ’нахъом сабитӕн ӕмӕ уӕтӕртӕ уӕ лыстӕг фосӕн, уӕ дзырдӕн хицау ут».
Не ’нахъом сабитӕ, нӕ бинойнӕгтӕ, нӕ рӕгъӕуттӕ, не ’ппӕт фос баззайдзысты уым, Галаады сахарты.
Уыдон Йешуайӕн дзуапп радтой: «Цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхсай, уый сараздзыстӕм, кӕдӕмдӕриддӕр нӕ ӕрвитай, уырдӕм ацӕудзыстӕм.