Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 32:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 32:23
21 Iomraidhean Croise  

Содомы цӕрджытӕ фыд адӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын.


Кӕд раст кӕныс, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд нӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз».


Иудӕ афтӕ: «Цы у нӕ бон зӕгъын ме ’лдарӕн? Цы сдзурӕм йӕ ныхмӕ? Цӕмӕй сраст кӕнӕм нӕхи? Хуыцау нын раргом кодта нӕ азым, ӕмӕ дын нырӕй фӕстӕмӕ, ме ’лдар, уыдзыстӕм цагъартӕ — мах дӕр ӕмӕ, синон кӕмӕ разынди, уый дӕр».


Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»


Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы.


Уыдоны туджы азар баййафӕд Йоавӕн йӕхи сӕр дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты сӕр дӕр мыггагмӕ. Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн та — йӕ байзӕддаг паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕн — Дунедарӕг мыггагмӕ фарн балӕвар кӕнӕд!»


Судзгӕ цӕхӕр сыл ӕркӕлӕд, судзгӕ сӕрсӕфӕнмӕ сӕ нывзилӕнт, уырдыгӕй куыд макуыуал схизой!


Ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕн уыдзынӕ — дӕхи цӕстӕй фыдлӕгты ӕфхӕрд фендзынӕ.


Куырыхонтимӕ куы балымӕн уай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр куырыхон суыдзынӕ, ӕдылытимӕ куы баиу уай, уӕд та фыдбылызы бахаудзынӕ.


уымӕн ӕмӕ рӕстуд авд хатты куы ’рхауа, уӕд дӕр сыстдзӕнис, ӕнӕхуыцӕуттӕ та фыдбылызӕй фесӕфдзысты.


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.


Нӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты Дӕ разы, комдзог ныл цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ; уӕз ныл кӕнынц нӕ фыдракӕндтӕ, зонӕм нӕ азым:


Уӕд науы кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, ацы бӕллӕх кӕй азарӕй ӕййафӕм, уый базонынӕн». Сӕппӕрстой, ӕмӕ Ионӕйы хал схаудта.


Фыддзинад чи аразы, алы уыцы адӕймаджы бакӕндзӕн удхар ӕмӕ хъизӕмары хай: раздӕр иудейаджы, стӕй та — муртаттаджы.


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


Бинонтӕн загъта, иугай йӕм куыд ӕрбалӕууой, ӕмӕ бацамындӕуыд Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Зарахы байзӕддаг Завдийы фырт Кармийы фырт Аханмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan